Наниты Асиат: «Уыдис æмæ мын ис мæхи фæндаг царды дæр æмæ сфæлдыстады дæр…»

Наниты Асиат: «Уыдис æмæ мын ис мæхи фæндаг царды дæр æмæ сфæлдыстады дæр…»Наниты Иваны чызг Асиат – прозаик, публицист, тæлмацгæнæг, журналист, Уæрæсейы Фысджыты цæдисы уæнг, РХИ-йы Фысджыты æмæ Журналистты цæдисты уæнг, РХИ-йы культурæйы сгуыхт кусæг, «Кады нысан» æмæ «Хæлардзинад»-ы ордентæхæссæг, Нафийы номыл Националон литературон премийы лауреат, журнал «Фидиуæджы» прозæйы хайады редактор.

Наниты Асиат æнтыстджынæй архайы ирон литературæйы. Йæ сфæлдыстады ис бирæ уацмыстæ сабитæн. Йæ æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, уацаутæ хаст æрцыдысты скъолайы ахуыры чингуытæм. Йæ радзырдты æмбырдгæндтæ «Ацæмæзы кафт», «Дыууæ гæлæбуйы», «Гыццийы хъæбултæ» æмæ æндæртæ ссардтой сæ бынат нæ сабиты зæрдæты.

Джусойты Нафи стыр аргъ кодта Наниты Асиаты сфæлдыстадæн, уæлдайдæр та йæ радзырдтæн. Фыссæг ацы вазыгджын литературон жанры равдыста стыр дæсныйад – раргом кодта мадæлон æвзаджы рæсугъддзинад æмæ хъæздыгдзинад. Йæ уацты æмбырдгæндтæн, куыд «Æгомыг», «Æнахуыр уазæг» æмæ æндæртæн, стыр аргъ скодтой Ирыстоны фысджытæ æмæ чиныг кæсджытæ. Фæстаг азты Асиат кусы йæ трилоги роман-хроникæ «Фыдæлты артдзæст»-ы æртыккаг чиныгыл. Дыууæ фыццаг чиныджы уагъд æрцыдысты цалдæр азы размæ Цхинвалы. Мыхуырмæ йын цæттæ сты йæ публицистикæ æмæ сабитæн радзырдты æмбырдгонд.

 

– Асиат, фæсхæст уæззау цард уыд адæмæн. Уымæ нæ кæсгæйæ, ды дæ ахуыр адарддæр кодтай экономикон хаххыл – бацыдтæ Тбилисы Паддзахадон университетмæ. Фæлæ дæ дарддæры цард экономикæимæ баст не 'рцыд. Аивад, æвæццæгæн, дæ зæрдæмæ æввахсдæр лæууыд?

– Раст зæгъыс, уæззау уавæрты цардысты адæм. Мæнæн мæ фыд хæцыд Сталинграды фронты. Уый фæстæ та уæззау цæф фæцис горæт Харьковы бынмæ карз тохты, Уæлахизы боныл сæмбæлд æфсæддон госпиталы. Хæсты фæстæ ма рацард дыууæ азы. Стыр кадимæ йæ бавæрдтой Ленингоры районы комиссариаты кусджытæ, бæх ын ныффæлдыстой…

Мах нæ мадимæ баззадыстæм æртæ сывæллоны, сæ хистæр – æз. Уæд мыл цыд авд азы. Пенси йын снысан кодтой, æмæ нын афæдз дыууæ хатты та хæлцмыздтæ (паектæ) æрвыстой – хæринагæй, уæлæдарæсæй. Фæлæ уæддæр дуг иумиагæй уæззау уыд, 1948 азы та скодта æххормаг аз. Дыууæ хоры астæу адæм къæбæргур кæдæмты нæ цыдысты. Мæ мад Тъехон мæ фыдыфыд Сашаимæ Мцхетайæ хастой кæрдзын æккойæ, иу-дæс боны фаг нын-иу систы… Цæй хæрзад кæрдзын уыд, цæ! Фæлæ нæ хъæуы сывæллæттæ – иу-æвддæсæн дзы нæ уыд фыдтæ – уæддæр ахуырмæ сæ хъус лæмбынæг дардтой.

Æз тынг хорз ахуыр кодтон. Астæуккаг скъола каст куы фæдæн, уæд, бонзонгæ сывæллон уæвгæйæ, кусын райдыдтон нæ хъæуы библиотекæйы, æмæ уæлдæр ахуырмæ та фæсаууонмæ бацыдтæн Тбилисы Паддзахадон университеты экономикон факультетмæ. Уым ахуыр кæнын мæ æппындæр ницы хъыгдардта ирон аив дзырдмæ мæ уарзондзинады хъуыддаджы. Уæддæр фидæны мæ фæндаг уырдæм цыд. Фыссæг суæвынæн разæнгардгæнæг æмæ ахуыргæнæг нæ хъæуы, уый æрдзы лæвар у, адæймаг æй гуырцæй рахæссы йемæ.

– Хъодалаты Герсанимæ дæ цард баиу кодтай 1963 азы, æмæ дын уый фæстæ райдыдта ног цард Цхинвалы. Куыд базонгæ стут?

– Мах, иукоймаг чызг æмæ лæппу уæвгæйæ, Захъхъоры астæуккаг скъолайы ма куы ахуыр кодтам, уæдæй фæстæмæ уыдыстæм æмгæрттæ-хæлæрттæ. Уæд Захъхъоры скъолайы ахуыр-хъомыладон куыст уыдис бæрзонд æмвæзадыл æвæрд. Архайдтой дзы алыгъуызон аивадон æмæ предметон къордтæ. Алы ран дæр дзы хайад истон. Æз уыдтæн ирон литературæйы предметон къорды сæрдар, Фæскомцæдисон къулы газеты редактор. Герсан та уыд литературон къорды æмæ газеты редколлегийы уæнг. Уæд, æмдзæвгæтæ кæй фыста, уый иууылдæр зыдтой, хорз арæхст ныв кæнынмæ дæр, газет фæлындзынмæ, æмæ дзы иууылдæр буц уыдысты. Æнæуыйдæр уыдис иттæг хиуылхæцгæ, уæзбын æмæ æгъдауыл хæст… 1963 азы на цард баиу кодтам. Къухылхæцæг та нын Букуылты Алыкси уыд. Дзæнæты бадæт!..

– Асиат, ды ахуыр фæдæ Мæскуыйы полиграфион институты. Ацы дæсныйад дæр сфæлдыстадмæ æввахс нæ лæууы. Куыд ссардтай аивадмæ дæ фæндаг?

– Полиграфион технологитæ уыдысты бынтон æндæргъуызон, фæлæ æз нæхи бынæттон типографы технологон фадæттæ зыдтон хорз, æмæ мын уый æххуыс кодта мæ куысты. Уый фӕстӕ техникон редакторы квалификаци фæбæрзонддæр кæныны курсытӕ Мæскуыйы ӕнтысгӕйӕ фӕдӕн. Мæхиуыл бирæ куыстон æз дæр, кастæн алыгъуызон ахуыргæнæн литературæ. Уæлдæр техникон ахуырад æввахс нæ лæууыд литературон ахуырмæ, фæлæ дзы иу сусæгдзинад уыд: уацмысæн йæ фыссæг дæн, мæ бон у литературон редактор ын уон, корректор, техникон редактор, стæй ма типографы дæр йæ уæлхъус лæууын, уымæйдæр уыцы процессимæ дæр дæн зонгæ. Цæттæ чиныг – мæ къухы. Уый дæр цымыдисон цау у, зæрдæйæн æхсызгон.

– Уæды рæстæджы цы чингуытæ уагъта рауагъдад «Ирыстон»? Нæ номдзыд фысджытимæ-иу уын фембæлдтытæ уыдис?

– Хуссар Ирыстоны чингуыты рауагъдад «Ирыстон»-ы фæкуыстон 35 азы. Уыдтæн уадзæг редактор, техникон редактор æмæ кондады сæргълæууæг. Мæ куыст кæддæриддæр кодтон иттæг зæрдæргъæвдæй. Иу хатт мын рауагъдады сæйраг редактор Харебаты Леонид афтæ зæгъы: «Асиат, мæ бар куы уаид, уæд дæ бауромин фондз бынаты æмæ дын фидин фондз мызды». Уæд парахатæй уагътам алцыдæр – политикон, историон, хъæууон-хæдзарадон, аивадон, публицистон, ахуыргæнæн чингуытæ, сывæллæтты литературæ; тæлмацæй фæсарæйнаг авторты чингуытæ, уыдон та – массон тиражæй. Нæ литературæйы уæды классиктæй æввахс зонгæ уыдтæн алкæимæ дæр: кæнæ «Фидиуæджы» редакцийы фембæлдзынæ семæ, кæнæ газет «Советон Ирыстон»-ы, кæнæ Хуссар Ирыстоны радиоредакцийы. Уæд телеуынынад нæма куыста. Стæй иууыл æввахсдæр та – чингуыты рауагъдад «Ирыстон»-ы. Нæ автортæ уыдысты, æмæ сын аргъ кодтам.

– Уæды рæстæджы Хъодалаты Герсан уыд зындгонд фыссæг. Ды уыдтæ йæ фыццаг кæсæг дæр, æмæ йæ критик дæр. Æвæццæгæн, дæхи сфæлдыстадон куыст афтæ ирдæй нал зынди. Цахæм уыд Герсан царды?

– Мæ фыццаг радзырд сывæллæттæн мыхуыры рацыд 1967 азы журнал «Фидиуæджы» фæндзæм номыры. Æцæг, радзырдтæ фыссынæй журналисты куыст раздæр райдыдтон. Мæ фыццаг уац ныммыхуыр 1957 азы, 10-æм къласы куы ахуыр кодтон, уæд, газет «Молодой сталинец»-ы (фæстæдæр «Молодежь Грузии»). Стæй куыстон газет «Советон Ирыстон»-ы (ныры «Хурзæрин») æмæ активонæй мыхуыр кодтон уацтæ, очерктæ. Абоны онг дæр нæ фысджытæй алкæй сфæлдыстадмæ дæр цымыдис кæнын, мæ уавæрмæ гæсгæ сæ кæсын, фæлæ дзы искæй бафæзмон, уый мæ хъуыдымæ никуы æрцыд. Уыдис æмæ мын ис мæхи фæндаг царды дæр æмæ сфæлдыстады дæр. Æндæр хъуыддаг у уавæр. Зæххыл иу адæймаг дæр æнæ курдиатæй нæ райгуыры, фæлæ сæ сæ уавæр куыд саразы, афтæ райхæлынц кæнæ та нæ райхæлынц. Мæнæн та фыссын æмæ мыхуыры уавæр фæзынд, хъæуæй Цхинвалмæ куы рацыдтæн, уæд. Ам бузныг зæгъын хъæуы Хъодалаты Герсанæн. Хуыцæуттыл кæй барстон, хæлæфæй цы фысджыты уацмыстæ кастæн, уыдоны æхсæнмæ бахаудтæн. Æмæ мын æхсызгон куынæ уыд? Æмæ мæ зæрдæйы ирон литературæмæ цы зынг æвæрд уыд, уый та Герсаны хуызæн чи зыдта, æмæ мын ацы хуызы баххуыс мæ дæсныйад равзарыны хъуыддаджы. Гъе, æмæ Герсанимæ иумæ куы бацардыстæм, уæд æй æвиппайды фæфиппайдтон: сфæлдыстадон кусæджы хъæуы сæрибар рæстæг. Æмæ мæ бон куыд уыд, афтæ йын арæзтон йæ къух. Æнæуыйдæр, дыууæ уды царды сылгоймаг 90 проценты куынæ бара, уæд иу æмкъæйтты цард дæр нæ ацæудзæн. Мæн та, фыссæгимæ цæргæйæ, дывæлдах барын хъуыд.

Сфæлдыстадон кусæгæн сфæлдыстадон кусæгимæ цæрын мæнæ-мæнæ æнцон нæу, уæлдайдæр та – курдиатджын поэтимæ. Цæвиттон, æцæг поэт кæддæриддæр вæййы максималист. Цы аивадон дунейы скæрды, уым сæйраг лимит вæййы уаз рæстдзинад, æмæ уый йе ‘рвылбонон царды куынæ фенкъары, уæд йæ равг вæййы æндыгъд æмæ йæм фæхъæуы арæхстгай дзурын, цæмæй йын йæ уаз хъуыдытæ ма схæццæ кæнай… Уыцы хатдзæг мын саразын кодта, мæ царды бонтæ æртиссæдз азмæ æввахс кæимæ батыдтон, уыцы сфæлдыстадон кусæг. Æниу, сфæлдыстадон кусæгимæ цæрын æвæрццаг фæстиуæг дæр дæтты, зæгъæм, мæнмæ-иу исты фарст куы фæзынд, уæд мæ-иу дард цæуын нæ бахъуыд, афарстон-иу мæ сæрыхицауы æмæ-иу райстон фылдæр хатт æмбæлон дзуапп, разæнгардгæнæн уынаффæтæ, уымæн æмæ йæм уыдис царды мæнæй фылдæр фæлтæрддзинад.

Герсан æрмæст курдиатджын поэт нæ уыд, уый ма уыдис раст æмæ сыгъдæг адæймаг дæр йæ бинонты, йæ сыхæгты æмæ йæ хæстæджыты раз – сыгъдæг уыд йæ цæсгом, худинаджы хъуыддаг никуы сарæзта, йæ номыл къæм абадын никуы бауагъта.

Нæ царды литературон «быцæутæ» дæр бирæ уыдис, цасдæриддæр дæ хъæуы, æндæр гæнæн дзы нæй. Сфæлдыстадон кусæг зындзард куынæ уа, уæд уый зæрдæйæ кусæг нæу. Уый нæ, фæлæ сæ чи куыд курдиатджындæр у, афтæ зындзарддæр вæййы. Герсан та уыд æцæг курдиатджын. Гъе, æмæ мæ рæстæг адих кодтон цалдæр хайыл: цыппар сывæллоны, хæдзары зылдтытæ, паддзахадон куыст (57 азы) æмæ сфæлдыстадон куыст – сæрибар рæстæджы удхор. Æмæ цардæй уæддæр цыдæртæ ратыдтон.

– Æвæццæгæн, ды сабитæн радзырдтæ куы фыстай, уæд фыццаджыдæр хъуыды кодтай дæхи сывæл-лæтты æнкъарæнтыл. Кастысты дын дæ уацмыстæ?

– Нæхимæ, хъæуы, куы уыдтæн, уæд иу мыл сывæллæттæ æртымбыл сты æмæ-иу домдтой, цæмæй сын исты аргъау кæнæ радзырд радзурон. Æмæ стæй, мæхи сывæллæттæ куы фæзындысты, уæд та, радзырды темæ æрвылбон дæр – дæ разы. Мæ радзырдтæ мын кастысты, скъолайы мын-иу уыд чиныгкæсджытимæ фембæлдтытæ… Чиныгкæсджыты размæ кæй хæссай, уыцы аивадон уацмыстыл, кæмæнфæнды фыст ма уой, уæддæр, æмхуызон фыдæбон хъæуы. Фæлæ сывæллæттæн фыссын зындæр у, уымæн æмæ сывæллæттæ хъуыды кæнынц зондæй нæ, фæлæ зæрдæйæ, уымæ гæсгæ уыдонимæ иумæйаг æвзаг ссарын зын у, семæ дзурын хъæуы зæрдæйæ-зæрдæмæ. Æмбисондæн баззад: сывæллон, дам, зæрдæ зоны. Æнæуый та мæ уацмыстæй скъолайы агъоммæ кары сывæллæтты чингуытæм хаст кæй æрцыд, уый куыд алы фыссæгæн, афтæ мæнæн дæр уæлдай æхсызгон у.

– Советон литературæйы домæнтæ уыдысты реализм æмæ кусæг адæймаджы фæлгонц. Уымæ гæсгæ советон фысджыты уацмысты персонажтæ стæм хатт уадысты мæгуырау. Куыд дæм кæсы, нæ фысджыты хсæн иттæг хорз чи райхæлдта адæймаджы миддуне?

– Октябры революци уыдис фæллойгæнæг адæмы ирвæзынгæнæг, æрхаста сын сæрибардзинад, цæрынæн сын сарæзта æппæт уавæртæ дæр. Æмæ сæ иууылдæр фесæфтой Советон Цæдисы фехæлдæй. Адæмæн нал ис идеологи, культурæмæ дæр раздæры хуызæн хъусдард нал и, уыцы фадыджы кусджытæ сты æвæрæз æмæ дæлдзиныггонд. Афтæмæй та наци йæ культурæйæ наци у. Нæй культурæ – нæй наци дæр! Кæдæм цæуæм, уый бæрæг нæу. Стыр фыссæг, стыр артист, стыр зонадон кусæг – уыдонæн сæ кой ничи кæны, æндæр чидæртæ сты ныр æхсæнады хицæуттæ. Ахæм уавæрты та адæм кæнынц дурзæрдæ. Адæймагыл аивадон дзырды тых куынæ æндава, уæд афтæ зоны. Æз уæд дæр, мæнмæ гæсгæ, царды рæстдзинад æвдыстон æргом, ницы дзы æмбæхстон, фæлæ мын мæ цæстмæ никуы ничи ницы бадардта. Нæ фысджытæй, уæды рæстæджы, Советон дуджы, нæ хистæр фæлтæрæй, никæй рахицæн кæндзынæн, иууылдæр уыдысты дуджы азфысджытæ. Сæ разылæууæг хæстæ æххæст кодтой цæсгомджынæй.

– Дарддæры период Ирыстоны историйы уыд вазыгджын æмæ уымæ гæсгæ фыссæг æвзæрста темæ – хæст, туг, мæлæт, хъайтардзинад. Уыцы цаутæ ирон литературæйы уарынц сæ бынат.

– Раст у, дуг ивы, цард йæхи домæнтæ кæны… 1989-2008 азты цаутæ Ирыстоны историйы ахсынц сæхи сæрмагонд бынат. Уыцы бынат та у уаз, бæрзонд æмвæзадыл æвæринаг нæ литературæйы дæр. Нæ фысджытæ сæ хъус лæмбынæг дардтой Ирыстоны политикон царды алы чысыл фæзындмæ дæр, тугкалæн хæсты цаутæ фыссынмæ. Уыцы уæззау бонты Ирыстоны адæмы хъазуатон тохы фæстиуæгæн мæнæн дæр ме сфæлдыстады «рарттывтой» дæс радзырды, сæ иу хай хицæн чиныгæй рацыдысты Дзæуджыхъæуы рауагъдад «Ир»-ы (уæд, фæсхæст, махмæ чиныг уадзыны уавæртæ нæма уыд), стæй æххæстæй та – 2023 азы нæхимæ. Радзырдтæ сты æцæг цауты бындурыл фыст, чиныгкæсæг сæ баззад райгондæй. Мæнæн дæр мæ зæрдæмæ лæууынц иттæг æввахс, уыцы уæззау рæстæджы мæхимæ уыйбæрц тых кæй ссардтон æмæ сæ кæй ныффыстон, уымæй та дæн мæхицæй бузныг. Нафи сæ куы бакаст, уæд мын цыбыртæй афтæ: «Ацы радзырдтæ афтæ фыст сты, æмæ сын кæцыфæнды рауагъдады дуар дæр – тыгъд!». Уымæй дарддæр Хуссары дæр æмæ Цæгаты дæр фысджытæ загътой сæ цæстуарзон ныхас, æмæ сæ дæн æгæрон бузныг.

– Советон рæстæджы фыссæджы архайдмæ кастысты стыр цымыдисæй. Хицауад сын æххуыс кодта материалон фæрæзтæй, фæлæ конкуренци дæр уыд стыр. Диссаг нæу, чысыл Хуссар Ирыстонæй уыййас номдзыд фыссæг куыд рацыд?

– Фыссæг у дуджы азфыссæг. Советон дуджы та фыссинаг уыд бирæ, фысджытæ дæр уыдысты бирæ. Æмæ сын фыссынæн дæр уыд æппæт фадæттæ. Уæды рæстæджы паддзахады хъахъхъæнинаг, сæйраджыдæр, уыд йæ идеологи – Фыдыуæзæг уарзын, кусæг æмæ зæхкусæгæн аргъ кæнын, Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнын. Дзырд дур халы… Фыссæджы дзырд та уыд ахадæн, хъæуæг æхсæнады, æмæ сын уавæр дæр арæзта хицауад фыссынæн æмæ ма сын кад дæр кодта. Æз, зæгъæм, 1988 азы хицæн чиныгæй рауагътон уацаутæ æмæ радзырдтæ – «Æгомыг», зæгъгæ, ахæм номимæ æмæ йын гонорар райстон 4 500 сомы (абарынæн: дзыхъхъынног хæдтулгæ «Жигули» балхæдтам уыцы рæстæджы, æмæ йæ аргъ слæууыд 10 000 сомы). Уый фыссæгæн стыр æххуыс нæ уыд? Уыд! Уымæ гæсгæ Советон Цæдисы рæстæджы алы чысылнымæц адæм дæр пайда кодтой паддзахады хæрзиуджытæй, æмæ махмæ дæр, Ирыстоны дыууæ хайы, уыдис, йæ ном дардыл кæмæн ныхъхъæр, ахæм фысджытæ. ССРЦ Фысджыты цæдисы уæнг пайда кодта бирæ хæрзиуджытæй – лæвар балцæгтæ санаторитæм, улæфæн хæдзæрттæм. Нæ дуджы та? Бæстæ сызмæст, нæ уавæртæ – кадавар. Фыссинаг та бирæ ис. Алы рæстæгæн дæр ис йæхи «цæсгом», æмæ уый хъуамæ æвдыст цæуа аив литературæйы фæрцы.

– Куыд æрцыд афтæ, æмæ нæ адæм иронау чиныг нал кæсынц? Зæгъæм, фыссæг ныффыста стыр историкон роман мадæлон æвзагыл – кæсæг ма йын ис?

– Литературæйы проблемæтыл дзурджытæ нæм ис, фæлæ йын исты баххуыс кæной, уый сæ бон нæу. Уыцы æххуыс хъуамæ рацæуа хицауадæй. Æрмæст нæхи хицауады кой нæ кæнын, ахæм проблемæ ис Ирыстоны цæгаттаг хайы дæр. Уыдонмæ гонорары кой скæнæн дæр нæй. Афтæмæй сæхи фæрæзтæй кæнæ спонсорты æххуысæй уагъд чингуытæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц, æмæ аивадон Дзырды кад та кæны ныллæгæй-ныллæгдæр. Чиныг кæсыны фарст у æгæр мæгуырау. Уый дæр дуджы аххос у, алцыдæр ууыл баст у. Дунейы арæнтыл «тезгъо» кæны «йæ бæрзонддзинад Интернет», æмæ адæм се ‘ргом уырдæм аздæхтой. Мæнæн абоны онг дæр гæххæттын чиныгмæ мæ уарзондзинад нæ нымæг кæны... Мæ кæстæр чызг Хансиат, ХИПУ-йы журналистикæйы кафедрæйы сæргълæууæг, афтæ фæдзуры, не студенттæй, дам, нырмæ дæр разыны, чиныг, дам, гæххæтты хуызы чи уарзы кæсын, ахæмтæ, æмæ мæнæн дæр уыцы хабар, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон у, уадзы мæ бæрæг ныфс…

– Цалынмæ ис «Фидиуæг», уæдмæ нæ ис ныфс æмæ ирон литературон дзырд нæ фесæфдзæн. Журнал йæ алыварс æмбырд кæны Ирыстоны дыууæ хайы фысджыты дæр. Ды та бирæ азты дæргъы кусыс æмæ зоныс журналы мидæггагон куыст. Ис нæм æвзонг курдиатджын фысджытæ? Цавæр фадæттæ сын хъæуы саразын, цæмæй ирон аив дзырд ма фесæфа?

– Æз журнал «Фидиуæг» кæсын 1950-йæм азæй фæстæмæ, уæд мыл цыд 10 азы. Периодикон мыхуыр адæм тынг фыстой уæд, нæ хъæуы постхæссæг-иу газеттæ æмæ журналтæ хæссын нæ фæрæзта… Ирон дзырдæн фесæфæн нæй, æвзагыл ма цалынмæ иу адæймаг дæр дзура, уæдмæ. 26 азы (1996-2022) Хъодалаты Герсан уыд журнал «Фидиуæджы» сæйраг редактор. 20 азы та дзы мæхæдæг кусын прозæйы хайады редакторæй. Гуырдзиаг-ирон хæсты азты нæ редакцийы кусджытæ равдыстой стыр хъазуатондзинад. Уæды уæззау уавæртæм нæ кæсгæйæ, Герсан йæ чысыл хъæрмуд коллективимæ, йæхи загъдау, журналы мæлын нæ бауагъта. Уый нæ, фæлæ ма-иу рæстæггай йæ тиражæй зæрдæ рухс дæр кодта. Зæгъæм, 2007 азы йæ тираж уыд 1349 экземпляры (ныртæккæ та, абарынæн, у 1160).

Абоны бон «Фидиуæг»-æн, цы мыхуыр кæна, уый ис, нæ фысджытæ стыр бынтæ ныууагътой, нæ дуджы фысджытæ дæр сæ уд хъарынц. Æвзонг фысджытæ дæр дзы ис, алчи сæ нырма дзыхыакæнинаг нæу, фæлæ «бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы». Уымæй дæр журналы редактор Годжыцаты Нелли бафæзмыдта Хъодалаты Герсаны æвзонг фысджытимæ кусыны хъуыддаджы æмæ сæм йе ‘ргом здахы зæрдиагæй. Агуры сæ, хоны сæ, æххуыс сын кæны сæ райдайгæ сфæлдыстадон куысты. Уымæн та ис стыр нысаниуæг. Уыимæ иумæ журнал «Фидиуæг» æййафы бæрæг хъуагдзинæдтæ. 90-æм азтæй фæстæмæ цæуы дыууæ мæйы иу хатт, йæ гонорар у чысыл, штаттæй – цух. Иу æмæ дыууæ хатты нæ æрæвæрдтам ацы фарстатæ, фæлæ…

– Асиат, дæ сфæлдыстадон пълæнттæ нын раргом кæн.

– Æз бирæ фæфыстон æмæ фæмыхуыр кодтон газеттæ æмæ журналы фæрстыл, стæй хицæн æмбырдгæндты дæр, хъæууон хæдзарады, культурæ, ахуырад æмæ сæудæджерады раззагон кусджытыл очерктæ æмæ уацтæ. Тынг мæ фæнды, æмæ йæ цæттæ дæр раджы бакодтон, хицæн чиныгæй сæ рауадзын. Уый у мæ бæллиц, фæлæ уыцы иу чиныджы фаг æхца нæма разынд нæ Республикæмæ… Ирон æвзагмæ ратæлмац кодтон хицæн æмæ хицæн фысджыты уацмыстæ Цæгатæй дæр æмæ Хуссарæй дæр, афтæ ма ныгуылæйнаг фольклорон хъайтар Молла Насреддины анекдоттæ. Фарон мыхуырмæ бацæттæ кодтон мæ роман-хроникæ «Фыдæлты артдзæст»-ы æртыккаг чиныг. Трилоги дзы сарæзтон. Фæлæ рауагъдад «Мыхуыры хæдзар»-мæ уæд æхца нæ уыд æмæ йæ рахастой ацы азмæ. Уымæй дарддæр – радзырдтæ сывæллæттæн: уыдон дæр цæттæ сты мыхуырмæ…

Цард афтæ арæзт у, æмæ дзы бирæ зындзинæдтæ ис, фæлæ сæ æз никуы фæтарстæн æмæ абоны онг дæр лæууын иу фидар хъуыдыйыл: цæрын хъæуы адæмуарзгæйæ, рæстаг æмæ ныфсджынæй.

 

Коцты Ингæ

Наниты Асиат йе ‘мкъай Хъодалаты Герсанимæ. 60-æм азты ныв

Наниты Асиат: «Уыдис æмæ мын ис мæхи фæндаг царды дæр æмæ сфæлдыстады дæр…»
Наниты Асиат: «Уыдис æмæ мын ис мæхи фæндаг царды дæр æмæ сфæлдыстады дæр…»


Опубликованно: 01-07-2024, 12:54
Документ: Интервью > https://respublikarso.org/interview/5440-nanity-asiat-uydis-230m230-myn-is-m230hi-f230ndag-cardy-d230r-230m230-sf230ldystady-d230r.html

Copyright © respublikarso.org
При копировании материалов, гиперссылка обязательна.

Вернуться назад