Мæ хьуыдытæ

25-03-2025, 15:32, Общество [просмотров 348] [версия для печати]
  • Нравится
  • 0

Мæ хьуыдытæИс мӕм дыууӕ ахсджийаг фарсты: нӕ рагфыдӕлтӕ бырындзыйӕ никуы пайда кодтой ӕмӕ йӕ сӕ мӕрдтӕн дӕр нӕ хӕлар кодтой. Уӕдӕ ныры дуджы адӕм цӕмӕн райдыдтой ног фынджыдзаг кӕнын?

Марды номыл цы сцӕттӕ кӕнынц, уыдонӕй мачи хъуамӕ сахода, цалынмӕ дзы мардӕн йӕ ном ссарой ӕмӕ йын сӕ цалынмӕ ныххӕлар кӕной, уӕдмӕ. Фӕлӕ, стыр хъыгагӕн, плов (пылӕу) куы сфыцы, уӕд уал дзы аггӕстӕ сӕхи фенынц, стӕй фӕзӕгъынц: «Сылгоймӕгтӕ тагъд кӕнынц ӕмӕ уал дзы уыдонӕн байуарӕм». Мардӕн йӕ фынджыдзаг чи хӕлар кӕны, уыдонмӕ та бахӕццӕ вӕййы фӕстагмӕ!

Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы пылӕу айсын хъӕуы фынджыдзагӕй ӕмӕ йӕ мауал фыцӕм нӕ мӕрдтӕн хӕлар кӕнынӕн. Кӕнӕ та йӕ, тъӕпӕн хъӕдур куы ӕвӕрӕм фынджыдзаджы, афтӕ йӕ ӕвӕрӕм. Уымӕн ӕмӕ дзы ницы мидис ис, ӕнӕ хӕларгондӕй йӕ уадидӕгӕн ахӕрынц. Куыд ӕй байуарынц, афтӕ йӕ адӕлӕмӕ кӕнынц ӕмӕ ма дзы цы дӕтты пылӕуы номыл сӕйраг рӕгъ рауадзын?

Стӕй рӕгъ куы рауадзынц, уӕд дзы арӕх фӕзӕгъынц нӕ мардӕн йӕ фынджыдзаг ногӕй-ногдӕр кӕнӕд, зӕгъгӕ. Ацы ныхасыл лӕмбынӕг ничи хъуыды кӕны. Цы нысаниуӕг ын ис: «Нӕ мардӕн йӕ фынджыдзаг НОГӔЙ-НОГДӔР кӕнӕд». Нӕ уӕлмӕрдтӕ ногӕй-ногмӕ фылдӕр кӕнынц, ногтӕ та сты ӔВЗӔНГТӔ! Ӕмӕ цы къалиуыл бадӕм, уый нӕхӕдӕг лыг кӕнӕм.

Дыккаджыдӕр та мӕ уый фӕнды зӕгъын, ӕмӕ цалынмӕ ӕхца нӕ фӕзынд, уӕдмӕ нӕ рагфыдӕлтӕ сӕ дзуӕртты мысайнагӕн цы ӕвӕрдтой? Ӕрхӕсдзынӕн цӕвиттон: фынджы уӕлхъус бадгӕйӕ, чидӕр систа йӕ дзыппӕй ӕхцатӕ ӕмӕ йын йӕ фарсмӕ бадджытӕ бауайдзӕф кодтой, нывӕр де 'хцатӕ, фынгыл сӕм ма агай, зӕгъгӕ. Ӕхца чъизи у, уӕд цӕмӕн ӕвӕрӕм нӕ рухс кувӕндӕтты мысайнагӕн чъизи ӕхца? Стӕй ма акӕсут, ацы мысайнаг ӕхцаты аххосӕй цас бӕллӕхтӕ ӕрцӕуы?!

Дзуары ӕхца нӕ хъӕуы. Арахъхъӕй куывд ӕй куыд нӕ хъӕуы, уыйау. Ӕмӕ хуыздӕр уаид, цӕмӕй хуымӕтӕджы тел ӕртӕ къӕдзы кӕной. Рауайдзӕн дзы ӕртӕтигъон, ӕртӕдзыхонау, ӕмӕ, кӕй рынчыны номыл ӕвӕрд ӕрцӕуа, уый номыл уым лӕудзӕн, ничи йын ӕй ахӕсдзӕн...

Кӕд уыдзӕн уыцы рӕстӕг, цӕмӕй циндзинад ӕмӕ хъыгдзинад кӕрӕдзийӕ ахицӕн уой?

Цины фынгыл ӕрӕвӕрӕм ӕртӕ кӕрдзыны ӕмӕ сӕ Стыр Хуыцаумӕ скувӕм. Фынджыдзаджы дӕр ӕртӕ кӕрдзынӕй Стыр Хуыцаумӕ скувӕм ӕмӕ дзы стӕй иу кӕрдзын фалдӕр авӕрӕм ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ныххӕлар кӕнӕм!

Хуссар Иры мардӕн йӕ табӕты сӕр ӕвӕрынц йӕ рахиз фарс. Хӕдзарӕй марды куы рахӕссынц, уӕд хӕдзары дуӕрттӕ ахгӕнынц, чысыл сӕ зыхъхъырӕй фӕуадзынц, ӕмӕ марды табӕтӕй къӕхтырдыгӕй ӕртӕ хатты асхойынц дуар. Ацы ӕнахуыр ӕгъдауӕй бирӕ адӕмы фӕфарстон Хуссар Иры, фӕлӕ мын бӕстон дзуапп никуы ничи радта. Нӕ фыдӕлтӕ дӕр, дам, афта кодтой ӕмӕ мах дӕр афта кӕнӕм. Фӕлӕ йӕ нысаниуӕг цы у, уый ничи зоны.

Стӕй ма нӕм ноджыдӕр ис иу хабар: мард хӕссыны рӕстӕджы зианджынтӕ сӕ марды цурмӕ 'рбахонынц скъоладзауты, раттынц сӕм дидинджытӕ, веноктӕ ӕмӕ мардӕнйӕ хуызист ныв. Уыдӕттӕ сын иууылдӕр бабар кӕнынц ӕмӕ сӕ марды разӕй срӕвдз кӕнынц. Ӕмӕ фыццаг сывӕллӕттӕ рацӕуынц марды разӕй, цыма бӕрӕгбон у ӕмӕ парады рацӕуынц, уыйау, стӕй марды рахӕсынц, бӕрзонд ӕй сисынц, афтӕмӕй, ӕмӕ уыдоны фӕстӕ та – мӕрдджынтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ. Нӕлгоймӕгтӕ сӕхи нӕ тыхсын кӕнынц: ӕппӕты фӕстагмӕ дыууӕ къахдзӕфы скӕнынц, стӕй фынджыдзаджы уӕлхъус сӕхицӕн куыд ӕнцондӕр уа, ахӕм бадӕн бынӕттӕ фӕагурынц.

Фынджыдзаджы бадгӕйӕ, нырма хӕларгӕнӕг мардӕн йӕ ном не 'ссары, афтӕмӕй ӕрцӕуӕг адӕм карз нозтӕй сӕ къухтӕ ӕхсынмӕ фӕвӕййынц,цӕвиттон, сӕхи хӕдзӕртты дӕр карз нозтӕй ӕхсынц, уыйау, уымӕл къухсӕрфӕнтӕ куы 'вӕриккой фынгыл, уӕд, чи зоны, нозтӕй нал ӕхсиккой сӕ кухтӕ...

Нӕ иумӕйаг Ирыстоны нӕ цард размӕ нал цӕуы уымӕн, ӕмӕ рӕстудӕй цӕрын никӕйуал фӕнды. Алкӕй дӕр фӕнды хъӕздыгӕй цӕрын, зынаргъ хӕдтулгӕйыл цӕуын, цалдӕр уӕладзыгон хӕдзары хицау уӕвын ӕмӕ ма бирӕ цыдӕртӕ, фӕлӕ сыл хъуыды ничи кӕны.

Рӕстудӕй цӕрӕгӕн уыйас фӕрӕзтӕ никуы уыдзӕн, давӕг ӕмӕ гӕртам исӕг та рӕстуд никуы уыдзысты! Стӕй нӕм лӕгаулӕг,стыр хъыгагӕн, нал ис. Лӕгау адӕмы 'хсӕн лӕджы ныхас чи зӕгъа уый нал ис! Хистӕр лӕг циндзинады ирон лӕгау циндзинад аразӕгӕн йӕ хъуыды зӕгъа ӕмӕ йын йӕ цины фынг кӕйдӕр уӕзӕгыл ма бауадза, фӕлӕ йӕ йӕхи уӕзӕгыл скӕнын кӕна, уыцы хъару никӕмӕуал ис.

Хистӕр фынджы сӕр сбада ӕмӕ рӕстӕмбис ӕгъдау радта, уый дӕр дзы нал ис, ныры дуджы кӕстӕр фӕсивӕд сӕхи размӕ скъуынынц, фӕлӕ сӕм бирӕ тых нӕй. Уымӕн ӕмӕ царды нырма ницы федтой, царды сусӕгдзинӕдтӕ нӕ базыдтой, стӕй сын сӕ амонгӕ дӕр ничи кӕны, стыр хъыгагӕн. Абоны бон мӕнгард, фӕлитой, дывзагон, гӕртамхор, давӕг, марӕг ӕмӕ ӕндӕр, ахӕмты сбадын кӕнӕм цины фынджы бадты ӕмӕ фынджыдзаджы, афтӕмӕй ахӕмтӕн сӕ дзырд Уӕлӕрвтӕм нӕ хӕццӕ кӕны.

Ӕз ӕмбӕлын Ирыстоны бирӕ зондджын ӕмӕ куырыхон лӕгтимӕ, ӕмӕ, уыдоны ныхӕстӕм гӕсгӕ, дзуары бынмӕ ӕрвылбон цӕуын не 'мбӕлы. Уӕд, дам, кувӕндонмӕ зӕдтӕ нӕ тӕхынц, ӕмӕ йӕм ХОРЗӔХ нал хӕссынц, тӕргай, дам, кӕнынц!..

Ӕз мӕхӕдӕг никуы федтон зӕды тӕхгӕ, фӕлӕ бирӕ кӕмӕйдӕрты фехъуыстон, ома, дам, иу дзуарӕй сыстадис ӕмӕ иннӕ дзуары бынмӕ батахтис цӕхӕртӕ калгӕ, сывӕллоны хуызӕн. О, фӕлӕ ма йӕ абон исчи уыны!

Стыр Хуыцау, зӕдты ӕмӕ дауджытӕ куы сфӕлдыста, уӕд сын снысан кодта афӕдзы дӕргъы иугай бонтӕ иу абонӕй иннӕ абонмӕ, стӕй уырдыгӕй иннӕ азмӕ дзуармӕ цӕуын не 'мбӕлы, ныры дуджы та ӕрвылбон дӕр адӕмӕй дзаг сты дзуӕрттӕ, ӕмӕ адӕмы аххосӕй дзуӕрттӕм зӕдтӕ нал тӕхынц, ӕнӕр сӕ исчи уынид...

 

Санахъоты Федыр,

«Аланты Ныхас»-ы Координацион Советы уӕнг Хуссар Ирыстонӕй

Газет «Иры Стыр Ныхас»

 

Рубрика «Мнение»

Информация

Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.

Новости

«    Апрель 2025    »
ПнВтСрЧтПтСбВс
 123456
78910111213
14151617181920
21222324252627
282930 

Популярно