Туркаг ирон æхсæнад «Алан»-ы сæрдар Хъусаты Садреттин: «Хæцæм, нæ уæгъд кæнæм нæ уидæгты»
Ирон æхсæнад «Алан» у иууыл активондæр æндæр æхсæнадты æхсæн, кæцы гæнæн ис æмæ баст уа, Турчы иууыл егъаудæр диаспорæ кæй у, уыимæ. Садреттины ныхæстæм гæсгæ ацы национ диаспорæйы нымадæуы 40 мин адæймаджы бæрц. Уый йæ сæргъ лæууы дæс азæй фылдæр, арæх æрцæуы Цхинвалмæ, ам ын ис бирæ æввахс хæлæрттæ, мах та, нæхирдыгæй, нæ газеты фæрстыл арæх фыссæм Турчы ирæтты тыххæй. Афтæ, æмæ мах кæрæдзимæ кæй цымыдис кæнæм, уымæ гæсгæ ирон æхсæнадты тыххæй рубрикæ дарддæр кæнæм Хъуысаты Садреттинимæ ныхасæй, 160 азæй фылдæры размæ ирæттæ, æцæгæлон зæхмæ афтгæйæ, сæ хæдхуыздзинад куыд нæ фесæфтой æмæ куыд бахъахъхъæдтой сæ национ культурæ æмæ æгъдæутты, иттæг тыхджын историон æмæ социалон фактортæм нæ кæсгæйæ æмæ туркæгтимæ бынтондæр ассимиляци куы рцыдаиккой, уыцы тасдзинад куы уыдис. Уыдон Турчы бахъахъхъæдтой ирон æвзаг æмæ ныр дæр сæ бон цы у, уымæй аразынц æппæтдæр, цæмæй Ирыстоны ирон æвзаг бахъахъхъæнын баххуыс кæной.
- Нæ ныхас, хуыздæр уыдзæн, куы райдаиккам историон аспектæй, ирæттæ куыд алыгъдысты цæрынмæ Туркмæ, куыд дзы æрбынат кодтой? Зæгъæм, Хъусаты мыггаг цæмæн аскъуыддзаг кодта уырдæм алидзын?
- Æппæт дунеон истори у хæстыты истори. Ацы хъуыддаджы нæ фыдæлтæн дæр «æнтыст». Уæрæсейы хæст Кавказы аххæссыд æрдæг æнусы бæрц æмæ куы фæцис, уæд уæрæсейаг император кавказаг адæмты раз æрæвæрдта дилеммæ: кæнæ басæттой æмæ сæм уæд æнхъæлмæ каст дæлвæз бынæттæм ралидзын, сæ лидертæ та Сыбырмæ хасты хъуамæ баййæфтаиккой, кæд æмæ ууыл разы нæ уыдысты, уæд сæ фæндаг – Осмайнаг империмæ. Кавказы хæхты йе знæгты ныууадзын паддзахы нæ фæндыд. Осмайнаг султанæн та йæ къух арæзта, цæмæй йæ бæстæмæ æрцыдаиккой кавказаг адæмтæ. Дуне уыцы рæстæджы ивын райдыдта, æрбалæууыдысты уæззау рæстæджытæ уæрæсейаг хæдхæцæгадæн æмæ радон æнусы райдианы та паддзахы хицауиуæгады раппæрстой – фæуæлахиз революци æмæ æрбалæууыд советон дуг.
1860-æм азты зын рæстæджытæ скодтой Осмайнаг империйæн дæр, кæцыйæн ивгъуыд заманты æмсæр нæ уыдис. Сæрибары дымгæ радымдта æмæ империйы хицæн хæйттæ, бирæ адæмтæ райдыдтой сæрибары сæрыл тох кæнын. Султан нымадта, зæгъгæ, йæ бæстæмæ кавказæгтæ куы рцæуой, уæд йæ дæлбар уыдзысты хъæбатыр хæстонтæ. Уæдæ хъуыддаг уый мидæг нæ уыдис æмæ сын тæригъæд кодта, уый, æгæрыстæмæй, зонгæ дæр нæ кодта, цахæм адæмтæ сты, уый.
Уæрæсейы кавказаг политикæ нæ фыдæлты иувæрсты дæр нæ ахызт, куыд æндæр кавказаг адæмтæн, афтæ. Кæсæг, адыгтæ, абхазæгтæ дæр ныууагътой сæ фыдæлты уæзгуытæ. Æцæгæлон бæстæмæ лидзын сын зынаргъ слæууыд, мингæйттæй мардысты фæндагыл. Махаджирады æппæт азты иуæй иу зонæнтæм гæсгæ Кавказæй Осмайнаг империмæ фæндæгтыл фæмардысты 400 мин кавказаджы бæрц. Кæсæгмæ ис ахæм зарæг-хъарæг: фæллад, æххормаг, фæлмæцыд адæмы сæвæрдтой донбæлæгътыл æмæ иу сæ исчи куы мард, уæд-иу æй аппæрстой бæлæгъæй донмæ, цæмæй мацы низтæ апарахат уыдаиккой. Зарæджы дзырдæуы, иу æвзонг сылгоймагæн йæ саби куыд амард æмæ йæ, денджызмæ аппарынæй йын тæрсгæйæ, йæ риумæ куыд нылхъывта, цæмæй æнхъæлдтаиккой, цыма йын дзидзи дардта. Афтæ бирæ адæмы аппæрстой денджызмæ æмæ кæсæгмæ уый фæстæ бирæ рæстæджы дæргъы нæ хордтой денджызы ахст кæсаг. Дзырдтой, зæгъгæ ма авд азы дæргъы уыдонæн се стджыты денджыз æппæрста донбылмæ.
Ирæтты алыгъды тыххæй куы дзурæм, уæд уымæн ахъаз кодта уырыссаг æфсады инæлар Къуындыхаты Муссæ. Уый уыдис Æфсæддон-ирон окруджы хистæр æмæ æппæт дæр арæзта, цæмæй кæй куыд фæндыд, афтæ ма лыгъдаиккой – уый нысан кодта фæндагыл амæлын. Уæрæсейаг императоры барлæвæрдæй уый ацыд султанмæ æмæ йемæ бадзырдта Туркмæ ирæттæ-пысылмæтты алидзыны тыххæй. Стамбулы кæцы уазæгдоны æрлæууыд, уый нырма дæр йæ бынаты ис, кæд дзы ныр æндæр уагдон ис, уæддæр. Зындгонд ирон режиссер Туаты Темина Стамбулы, уыимæ ацы уазæгдоны дæр иста киноныв Къуындыхы фырты тыххæй. Муссæ Стамбулы фæцис дыууæ æмæ æрдæг мæйы бæрц, æмбæлдис султанимæ, чиновниктимæ, семæ кодта хъуыддагон ныхас. Иу дзырдæй, Къуындыхаты Муссæйы хайадисты руаджы ирæттыл стыр зиæнттæ не рцыд, кæд сæ фæндæгтæ æнцон нæ уыдысты, цыдысты галуæрдæттыл æмæ бæхтыл, уæддæр. Муссæ æмæ йæ бинонтæ хорз зындгонд уыдысты Турчы. Йæ фырт Бекир Сами Кундух уыд, европæйаг ахуырад чи райста, ахæм адæймаг. Ататюркы рæстæджы ссис Туркаг Республикæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты фыццаг министр.
Султаны дуг куы фæцис, уæд Ататюрк сарæзта туркаг паддзахад, Уæрæсейы та райдыдта советон дуг. Туркмæ алидзæг ирæттæн æнцон нæ уыдис, кæй æвзаг, кæй культурæ æмæ æгъдæутты нæ зыдтой, уыцы адæмы хсæн сæ цард æрбæстон кæнын. Уæдæ куыд цардысты нæ фыдæлтæ? Радзурдзынæн нæхи хъæуы тыххæй. Мæ дадайы дада йæ фондз фыртимæ уырдæм æрцыд Заманхъулæй. Мæ дада та райгуырд Турчы. Чи ралыгъдысты Туркмæ, уыдон уыдысты пысылмæттæ, фæлæ султаны рæстæджы ам цы ислам уыдис, уый тынг хицæн кодта, нæ фыдæлты чи уырныдта, уыцы исламæй. Дин иу у, фæлæ алы адæмæн дæр ис йæхи культурæ. Уымæ гæсгæ бынæттон моллотæ нæ хистæр адæймæгтæн дзырдтой, зæгъгæ, уæ æгъдæуттæй иуæй иутæ сты пысылмон дины ныхмæ. Цæвиттон, зæгъгæ, сымахмæ нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ иумæ хайад исынц бæрæгбонты æмæ уый тæригъæды хъуыддаг у. Сымахмæ, зæгъгæ, фыдыфсымæр, фыдыхойы зæнæгимæ æмкъайад нæ аразынц æмæ уый дæр раст нæу. Туркæгтæм æмæ æгас пысылмæттæм дæр уыд ахæм традици – æмкъайад арæзтой æввахс хæстæджытимæ. Нæхиуæттæ сын дзуапп лæвæрдтой, нæ традици кæй нæ фæивдзыстæм æмæ, табу Хуыцауæн, абон дæр мах ацы традици хъахъхъæнæм. Туркæгтæ уый тæригъæдыл нæ нымайынц, уымæн æмæ бинонты исад, зæххытæ, хъæздыгдзинæдтæ хъуамæ баззайой бинонтæн.
- Ирæттæ уæд компактон æгъдауæй не рцардысты?
- Уыдон æндæр æмæ æндæр хъæуты æрцардысты: иутæ горæт Мушмæ хæстæг, уым уыдис 7-10 хъæуы; æндæртæ – Сивасы, стæй Йозгаты, ноджы - Хъарсы, Эрзерумы. Уымыты дæр - 10–20-гай хъæутæ. Мæхæдæг Мушы райгуырдтæн. Сивасы горæтимæ се хсæн ис цалдæр сæдæ километры. Уый уымæн зæгъын æмæ хиуæттæ кæрæдзимæ дæрддзæф æрцардысты æмæ уæрдоныл, бæхыл бирæ цæуын хъуыд. Уый кæмдæр хорз уыд, уыдон хъæуты цардысты æндæр нацитæй хицæнæй æмæ уыцы рæстæджы сæхи бахызтой ассимиляцийæ, афтæмæй сæ бон бацис се взаг æмæ æгъдæуттæ бахъахъхъæнын. Уыцыиу рæстæджы сæ хиуæтты æмбис, се стыр хайы ныууагътой Ирыстоны, цыранмæ уыцы рæстæджы Туркæй уыдис тынг зын æрбафтæн, советон дуджы та, зæгъæн ис, бынтондæр нæ уыд æрбафтæн, уымæн æмæ Советон Цæдис уыд æхгæд æгас дунейæн. Уыдис-иу афтæ æмæ-иу нæм æрцыдысты ирон спортсментæ æмæ-иу сæ фенынмæ нæ ирæттæ ацыдысты, фæлæ уыдонæн æргом дзурæн нæ уыд се мзæххонтимæ, уымæн æмæ уыдысты æдасдзинады органты кусджыты хъусдарды бын. Æмæ ма ныр, 160–170 азы фæстæ Райгуырæн бæстæимæ ахæм бастдзинад кæй ис, уый диссаг у.
- Фæстæдæр ирæтты бахъуыд горæттæм цæрынмæ алидзыны сæр, уый сын лæвæрдта стыр фадæттæ, фæлæ фæзындысты зындзинæдтæ сæ æвзаг æмæ культурæ бахъахъхъæныны хъуыддаджы…
- Адæм тырнынц, фылдæр комфорт æмæ фадæттæ кæм ис, уырдæм. Ирыстоны дæр уавæр ахæм у – цæрджытæ хъæутæй лидзынц горæттæм. Хъæуы цæрын æнцон нæу, горæты та куыст ссарæн ис – ахæм хъуыдытæ æмæ ныфсытимæ ирæттæ уæй кæнын райдыдтой сæ хæдзæрттæ æмæ лидзын байдыдтой Стамбул, Анкара, Измир æмæ æндæр горæттæм, уымыты сæ цард чи æрбæстон кодтой, уыцы хиуæттæм хæстæгдæр. Фæлæ стыр горæты цæрын дæр æнцон кæй нæу, уый сæ бауырныдта. Цæмæй ног фæлтæртæ сæ хæдхуыздзинад бахъахъхъæной æмæ цæмæй нæ кæрæдзийы æнцой лæууæм, уый тыххæй 1989 азы Стамбулы цæрæг ирæттæ, нæ хистæртæ Турчы сарæзтой ирон æхсæнад «Алан». Мах хъуыдис ахæм бынат, цыранмæ æмбырд кодтаиккам æмæ куыстаиккам нæ культурæ æмæ æвзаджы рæзты фарстытыл. Кæсгон адæмæн уыд ахæм бынæттæ. Иу рæстæджы мах дæр цыдыстæм уыцы бынæттæм. Уырдæм цыдысты адыгтæ, цæцæйнæгтæ æмæ абхазæгтæ дæр, уымæн æмæ ацы адæмты культурæ æввахс у кæрæдзимæ, фæлæ дзургæ та кодтам туркаг æвзагыл æмæ уымæй стыр ахадындзинад нæ уыд ахæм фембæлдтытæн.
- Фæсивæд æмбарынц, ирæттæ кæй сты, уый? Мах куыд зонæм, афтæмæй Кавказæй рацæуджыты Турчы хонынц черкесæгтæ, Европæйы та сæ афтæ рагæй хонынц.
- Уыцы рæстæджыты Кавказæй Туркмæ алыгъдысты 1,5–2 милуан адæймаджы бæрц. Паддзахадон службæтæ хъуамæ регистраци кодтаиккой мингай æрцæуæг адæмы æмæ-иу сæ, сæйраджыдæр, ныффыстой, куыд черкесæгтæ, афтæ, уымæн æмæ нæ зыдтой, цас алыгъуызон адæмтæ цæрынц Квказы, æгæрыстæмæй сæ абоны онг дæр нæ хицæн кæнынц.
- Кæд бæлвырд зонæнтæ нæй, уæддæр дæумæ гæсгæ цал ироны цæрдзæнис Турчы ныртæккæ?
- Уæрæсейы цæрджыты сфыст куы фæуадзынц, уæд, æнæмæнг, банысан кæнынц, адæймаг цы нацийæ у, уый дæр. Турчы раздæр, цæржыты сфыст уадзгæйæ, фыстой æрмæстдæр адæмы бæрц, афтæ нымадтой, зæгъгæ, Турчы чи цæрынц, уыдон сты туркæгтæ. Æндæр адæмтæ сæм нымады нæ уыдысты æмæ афтæ у абон дæр. Уымæ гæсгæ мах дæр нæ ныффыстой, куыд ирæттæ, афтæ. Æз куыд зонын, афтæмæй Турчы цæрынц 350 мин цæцæйнаджы, иу милуан та абхазæгтæ, фæлæ уыцы нымæцтæ фыст никуы сты. Махмæ дæр ницы фыст зонæнтæ ис, фæлæ алы адæм дæр гæнæн ис æмæ сæхи банымайой. Кæд нæм дырыс зонæнтæ нæй, уæддæр банымадтам, хъæуты ма цал ироны цæрдзæнис æмæ цас хъуамæ фæфылдæр уыдаиккой абоны бонмæ. Ахæм банымадтытæм гæсгæ нæ бон у зæгъын, кæй нæм цæрынц 40 мин адæймаджы бæрц. Абхазæгтæ цас сты, уый тыххæй мæ фарстæн дзуапп радтой, зæгъгæ, æппынкъаддæр æрдæг милуаны, иууыл фылдæр та милуан адæймаджы. Уымæ гæсгæ мах нымайæм, абхазæгты нымæц Турчы кæй уыдзæн 700 мин адæймаджы. Йæ рæстæджы ничи фыста, Кавказæй Туркмæ чи алыгъдысты, уыдоны нымæц. Ирæтты иумæйаг нымæцмæ нæ бахауынц, хæццæ бинонты хсæн чи райгуыры æмæ сæхи ирæттыл чи нал нымайынц, уыдон.
- Телеуынынады, стæй ирон прессæйы фæрстыл кæнæ интернет-ресурсты арæх фæзынынц туркаг ирæттæ, ахæмтæ, куыд Æлбегаты Лейлæ, Пухаты Жале æмæ æндæртæ. Уыдон сты иттæг позитивон адæймæгтæ, уыдоны тыххæй сæрыстырæй фæдзурынц Ирыстоны.
- Жалеимæ æввахс хиуæттæ стæм. Лейлæйы дада æмæ мæ æна та уыдысты хо æмæ æфсымæр. Ахæм хæстæджытæ стæм. Жале кæддæриддæр уыдис нæ æхсæнады активон уæнг, фæлæ ныр цалдæр азы уый цæры Нью-Йоркы, пандемийы рæстæджы алыгъд уырдæм. Лейлæ лæууы нæ æхсæнады комитеты сылгоймæгты къорды сæргъ æмæ кусæм иумæ.
- Лейлæ рæстæгæй рæстæгмæ фæзыны нæ газеты фæрстыл. Уæлдай цымыдисондæр у йæ кулинарон проект.
- Ацы проект саразынмæ æз дæр мæ бавæрд бахастон. Ам мæдтæ арæх хъаст кæнынц, сæ чызджытæ, æгæрыстæмæй, хъайла аразын дæр кæй нæ зонынц, уый тыххæй. Чызджытæ сты тынг нырыккон, афтæ нымайынц, зæгъгæ, цахæмфæнды хæринаджы рецепт дæр ссарæн ис интернеты, кæнæ та йæ ныззакъаз кæн рестораны. Фæлæ ныртæккæ æгас дунейы тынг популярон сты гастрономион проекттæ – туртæ, конкурстæ, блогтæ. Æз ахъуыды кодтон, зæгъын æвзæр нæ уаид курсытæ бакæнын ирон хæринæгтæ цæттæ кæныны фæдыл æмæ сæ «Ирон къæбицы академи» рахонын. Фæсивæды психологи хъæуы æмбарын – мад йæ чызгæн куы фæдзуры, дæхи ахуыр кæн хæринаг аразыныл, зæгъгæ, уæд уый уадиссаг ницы кæрды, фæлæ курсытæ куы байгом кæнай, уæд уый æндæр хъуыддаг у, уырдæм бацæуын сæ бафæнддзæн, уым хъæлдзæг æмæ цымыдисон у. Гæнæн ис, курсытæ кæй фесты, уый тыххæй сын сертификаттæ радтын. Ивгъуыд азы мах бакуыстам ацы проектыл æмæ йæ Лейлæйæ хуыздæр кæмæн хъуамæ бабæрн кодтаиккам. Уый у ресторан «Фыдджын»-ы æфсин, куыд ма загътам, афтæмæй æхсæнад «Алан»-ы комитеты сылгоймæгты къорды сæрдар. Лейлæйæн йæ зæрдæмæ тынг фæцыд ацы идейæ, æрмæст æм «Академи» æгæр претенциозон фæкст æмæ фæндон бахаста, цæмæй йæ рахонæм «Ирон къæбицы курсытæ».
- Цалдæр азы размæ Пухаты Жале уыдис Ирыстон-ТВ-йы уазæг, цыран æм фарст радтой, зæгъгæ, раст у Туркæй æрыгон ирон лæппутæ кæй æрцæуынц Ирыстонмæ, цæмæй базонгæ уой ирон чызджытимæ æмæ сæ стæй ракурой?
- О, раст у уый. Цæвиттон, йе фсымæр ракуырдта ирон чызджы æмæ йæ æркодта Ирыстонæй. Ахæм тырнындзинад ис нæ лæппутæм, кæд уый хуымæтæджы хъуыддаг нæу, уæддæр. Уыдон сæйраджыдæр сты, 30 азæй фылдæр кæуыл нæ цæуы, ахæм лæппутæ, ирон æвзаг зонынц тынг æвзæр, кæнæ та йæ бынтондæр нæ зонынц. Мах райгуырдыстæм хъæуы, Жалейы æфсымæр зыдта æвзаг æмæ йын æнцондæр уыдис базонгæ уæвын æмæ ракурын. Махмæ, цæвиттон, ис национ кафты ансамбль «Барс», кæцыйы архайынц, 21 азæй фылдæр кæуыл нæ цæуы, ахæм æрыгон адæймæгтæ. Уыдон нæ зонынц ирон æвзаг, фæлæ кафынц ансамблы, дæттынц концерттæ. Ивгъуыд азы уыдон мæнмæ бахатыдысты, цæмæй сын баххуыс кæнон Ирыстонмæ ацæуыны. Цыдысты 20 адæймагæй æмæ сæ иу дæр нæ зыдта ирон æвзаг, стæй Ирыстоны никæйы зыдтой. Фæндыд сæ автобусыл цæуын дыууæ боны, уымæн æмæ сæм æхца афтæ бирæ нæ уыд. Фæлæ сын уыцы æхцатæ фаг уыдысты, цæмæй Турчы хорз баулæфыдаиккой. Уымæ нæ кæсгæйæ сæ бафæндыд ацæуын уыцы бæстæмæ, кæцыйæ кæддæр, тынг раджы рацыдысты сæ фыдæлтæ. Уый мын мæ зæрдæйы тынг банкъуысын кодта, куыд тынг сæ фæндыд сæ фыдæлты Райгуырæн бæстæ фенын, кæд сын проблемæтæ уыдис, уæддæр! Ацæуын сын бантыст дыууæ мæйы фæстæ, Дзæуджыхъæумæ сæ фестивалмæ куы фæхуыдтой, уæд. Пандемийы агъоммæ Цæгат Ирыстоны уыдис ахæм паддзахадон программæ – æрвылаз дæр мах Ирыстонмæ Туркæй æрвыстам дæс лæппу æмæ чызджы æмæ иу къуыри уыдысты этнолагеры, цыдысты университетмæ, хæххон хъæутæм. Ацы программæйы руаджы æмæ нæ æхсæнад «Алан»-ы æххуысæй 150 лæппу æмæ чызджы уыдысты сæ фыдæлты Райгуырæн бæстæйы, иуæй иутæ та дзы уыдысты цалдæр хатты. Ирыстоны хуссар хайы сын, æгæрыстæмæй радтой РХИ-йы æмбæстаджы паспорттæ. Фæстæдæр Битарты Вячеслав фæфылдæр кодта фæсарæнтæй ирæтты нымæц этнолагеры хайад исыны тыххæй æмæ дзы иууыл фылдæр уыдысты Туркæй – 20 адæймаджы æрвылаз дæр. Ныр та сæ нымæц фæкъаддæр 4 адæймаджы онг.
- Æхсæнад «Алан» ма æххуыс кæны студенттæн дæр стпендитæй…
- Æрвылмæй дæр стипендитæ фидæм туркаг университетты ирон студенттæн. Тырнæм фылдæр студенттæн баххуыс кæнынмæ, уыцы нымæцы æндæр горæтты чи цæрынц, уыдонæн дæр. Цæмæй зоной, уыдонæн кæй ис сæхи æхсæнад ацы бæстæйы æмæ цæмæй ма рох кæной, чи сты, уый.
- Еныр ма сты ирон хъæутæ Боялык, Пойразлы æмæ Карабаджак?
- Карабаджак, зæгъæн ис æмæ хъæу нал у, район райрæзт æмæ горæты мидæг фæцис. Уым иу ран ирæттæ сарæзтой рæсугъд, хæдзæрттæ. Ирæттæн сæ фылдæр цæрынц горæты, улæфтбонты та ацæуынц сæ хъæутæм. Иннæ ирон хъæу Боялыкы 20 хæдзарæй фылдæр нæй. Пойразлы та у егъау дыгурон хъæу. Не хсæнады стыр къордæй ацыдыстæм ацы хъæутæм æмæ дзы алы ран дæр ныссагътам фæйнæ мин талайы Беслæны сывæллæтты номыл. Рауадис сæ æнæхъæн хъæд. Сымах, æвæццæгæн, зондзыстут, махмæ Ирыстонæй, арт-тыгъдад «Портал»-æй кæй æрцыдысты фæсивæд. Уыдон фехъуыстой, туркаг ирæттæ бæлæстæ кæй ныссагътой Беслæны сывæллæтты ном арынæн æмæ уыдоны дæр бафæндыд исты саразын. Æмæ сарæзтой архитектурон композицийы проект, афтæмæй ацыдысты Туркмæ велосипедтыл, цæмæй йæ сæхи къухтæй саразой. Æз сæ фæдзæхстон, цæмæй велосипедтыл ма рацæуой, уымæн æмæ Турчы фæндæгтыл змæлд æдас нæу. Фæлæ мæ коммæ нæ бакастысты æмæ дæс адæймагæй рараст сты Дзæуджыхъæуæй. Мах алы бон дæр семæ ныхас кодтам телефонæй, иу хатт нын фехъусын кодтой, тыхджын къæвда кæй уары, кæй цæуынц Гудаурмæ фæндагыл хæрды, сæ велосипедты хæсгæйæ. Фынæй-иу кодтой гом арвы бын. Туркмæ куы рбахæццæ сты æмæ Сау денджызы былты Йозгатмæ куы цыдысты, уæд мах фæдзырдтам уымы национ кавказаг æхсæнадтæм æмæ сæм бахатыдыстæм, цæмæй сæм, сæ горæттыл цæугæйæ, сæ хъус дарой. Афтæ æрцыдысты Йозгатмæ. Ам баззадысты дыууæ мæйы, сæхи тыхтæ æмæ фæрæзтæй сарæзтой диссаджы архитектурон композици: суадоны алыварс згъæр каркас, дон суадонæй кæлы хæрдмæ, фæлæ дзы дæ бон баназын нæу – згъæр телтæй æхгæд у суадон! Уымæн æмæ сывæллæттæ мардысты дойныйæ. Уыдон уыдтой дон Беслæны скъолайы, фæлæ сын дзы нуазынæн нæ лæвæрдтой. Стыр бузныг проекты автортæн, тынг курдиатджын сты. Суадон куы арæзтам, уæд ардæм æрхуыдтам Беслæны мадæлты комитетæй сылгоймæгты. Иумæ азылдыстæм хъæутыл, уыдон семæ Беслæнæй сæ сывæллæтты ингæнтæй æрластой сыджыт æмæ йæ ныппырх кодтой сагъд бæлæсты бынтыл.
- Уæ архайдмæ гæсгæйæ, сымахæн иттæг хорз бастдзинæдтæ ис Райгуырæн бæстæимæ…
- Мах тырнæм æмæ ницæмæй фæстейæ зайæм æндæр æхсæнадтæй, æгæрыстæмæй, цыдæр хъуыддæгты разæй цæуæм æмæ уый сæхæдæг дæр зонынц. Стамбулы мэр æртæ азы размæ аскъуыддзаг кодта Кавказы адæмты æртæбонон фестиваль сорганизаци кæнын, рахицæн кодта павильонтæ 25 кавказаг национ æхсæнадтæн. Фестиваль æрвылбон дæр Турк æмæ æндæр бæстæтæй истаид 100 мин адæймаджы бæрц. Развæлгъау æмбырды иу лæппу кæсгон æхсæнадæй иннæтæм æрсидт, йæхи чи хуыздæр равдисдзæн, ахæм ерысмæ. Ныфс æй уыд, уыдон кæй фæуæлахиз уыдзысты. Мах ерыс кæнынмæ нæ хъавыдыстæм, фæндыдис нæ æрмæстдæр, цæмæй нæ культурæ аккагæй равдисæм æмæ нæхи цæттæ кæнын райдыдтам. Нæ зындгонд нывгæнæг Къадзты Вадимæн уый размæ йæ нывты равдыст уыд Стамбулы æмæ равдысты фæстæ йæ нывты æфснайынмæ ныууагъта ам, йæхæдæг ацыд Петербургмæ. Уый нын йæ нывты радта равдыстæн, æфснайд та уыдысты Стамбулы Академийы ахуыргæнджытæй сæ иуы офисы. Вадимы куыстыты уырдыгæй куы хастам, уæд мын уый загъта: «Æз мæхæдæг дæр нывгæнæг дæн, хуызфыссынад амонын, Турчы нывгæнджыты иууылдæр зонын æмæ дын хъуамæ зæгъон – æгас Турчы Вадимы æмвæзадыл нывгæнæг нæй!». Афтæ, æмæ махмæ уыдысты Вадимы нывтæ, стæй Годжыцаты Изольдæ нын кæй балæвар кодта, уыцы ирон национ дарæс, уыдысты ма нæм бирæ æндæр атрибуттæ æмæ мах сарæзтам иттæг хорз экспозици, кæцыйы фестивалы организатортæ æнæдызæрдыгæй банымадтой хуыздæрыл. Фæлæ ма уæддæр ахъуыды кæнут, цæй стыр цымыдис равзæрын кодтой фестивалмæ æрбацæуджытæм Къадзты Вадимы нывтæ!
- Æхсæнадæн ис йæхи сæрмагонд æдзухон бынат?
- Райдианы нæ хистæртæ æххуырстой бынат, стæй æрæмбырд кодтам æхцатæ æмæ апартаментты балхæдтам фатер, фæлæ нын уый æгæр къуындæг рауадис. Уымæ гæсгæ йæ радтам арендæйы æмæ баххуырстам уæрæх бынат. Мах тырнæм нæхи тыххæй æндæртæн дзурынмæ, цæмæй нæ зоной æгас дунейы ирæттæ æмæ цæмæй мах дæр семæ зонгæ кæнæм. Æппæлынмæ мын æй ма айсут, фæлæ махæн ис хорз авторитет ирæтты хсæн, мæ бон у зæгъын, Турчы ирон диаспорæ кæй кусы аккагæй.
- Мах дисы æппары, ирæттæ Турчы сæрибарæй кæй дзурынц сæ мадæлон æвзагыл.
- Мæнæн Ирыстон иу у, фæлæ мæм уæддæр афтæ кæсы, цыма хуссары сæрибардæрæй дзурынц мадæлон æвзагыл. Ирыстонмæ, нæ фыдæлты Райгуырæн бæстæмæ куы æрцæуæм, уæд мах фæдзурæм нæ мадæлон æвзаджы проблемæтыл, кæцы нын у культурæйы гуырæн æмæ нæ хæдхуыздзинады код. Цавæрфæнды экономикон фарстатæ дæр Ирыстоны сты абоны фарстатæ. Фондз азы фæстæ гæнæн ис алцыдæр фæива хуыздæрæрдæм экономикæ æмæ социалон къабазы. Фæлæ не взаг куы фесæфа, уæд ыл бандавын нæ бон нал суыдзæн.
- Ирон адæмы фæстаг съезды ды загътай ахæм хъуыды, кæцы дисы æппары йæ мистикон карздзинадæй: «Ирон æвзаг Турчы 30 – 40 мин ирæттæн куы фесæфа, уæд ма ууыл куыддæрты хъæцæн ис, уымæн æмæ ма ис Ирыстон, цыран æвзаг дарддæр цæрдзæнис…».
- Мах цæрæм фæсарæнты æмæ абоны бонмæ не взаг кæй бахъахъхъæдтам, уый йæхæдæг диссаг у, фæлæ æвзаг куы фесæфа, уæд бирæ азты фæстæ историктæ ныффысдзысты: «Иу рæстæджы Турчы цардысты ирæттæ дæр, фæлæ уыдон ассимиляцигонд æрцыдысты». Æмæ уый диссаг нæу, уымæн æмæ мах цъус стæм. Мах куы батайæм æндæр адæмы хсæн, уæд нæ культурæ æмæ æвзагæн уый иууыл тæссагдæр нæу, уымæн æмæ ис Ирыстон, цыран цæрынц нæ адæм æмæ цыран дзурынц ирон æвзагыл. Фæлæ æвзаг куы фесæфа Ирыстоны, уæд ма уымæн та цы бакæндзыстæм? Мæнæн мæ зæрдæйы равг фехæлы, куы фенын, Ирыстоны ирæттæ се взагыл куынæ фæдзурынц, уæд.
- Фæлæ уæддæр бирæтæм афтæ кæсы, цыма фæстаг рæстæджы фæсивæды ахаст фæивта мадæлон æвзагмæ, йæ зонын ссис кадджын æмæ, куыд модæ, афтæ.
- Гъе, æмæ хистæртæ хъуамæ ифтонг кæной, цæмæй ацы тенденцитæ ма ацæуой модæимæ. Иу ахæмы æз Дзæуджыхъæуы æнæнхъæлæджы базонгæ дæн Боллоты Таймуразимæ, меценат æмæ бизнесменимæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй уый дæр фиды стипендитæ, хуыздæр чи ахуыр кæны, ахæм студенттæн. Нæ зонгæдзинад мах адарддæр кодтам. Фæстæдæр зындгонд ахуыргонд, филолог Хъамболты Тамерлан ныффыста ирæтты тыххæй чиныг, кæцымæ бахаста туркаг ирæтты дæр. Ратæлмац æй кодтой тркаг æвзагмæ æмæ йæ рауагъта Боллойы фырты финансон æххуысæй. Чингуыты иу хай æрластой Туркмæ æмæ йæ апарахат кодтой афтæ, цæмæй йæ фылдæр адæм бакастаиккой. Уый уыдис тынг ахсджиаг хъуыддаг нæ æрыгон фæлтæрæн. Хъыгагæн, мæнæн Ирыстоны фембарын кæнынц: скъолайы ахуыр кæнынц уырыссагау, интернет æмæ дзыллон информацийы фæрæзты кæсынц уырыссагау æмæ сын æз дзуапп фæдæттын, зæгъын уыдæттæ сты хирастгæнæнтæ. Зæгъын, уæ сыхæгтæм цæуылнæ у уавæр афтæ? Хъæуы кусын, фыдæбон кæнын, куыд æнцондæр у, афтæ нæ, фæлæ.
- Сымахмæ ис ирон æвзаджы курсытæ, ахуыргæнæн чингуытæ исут Ирыстонæй, ахуыр кæнут сывæллæтты – уый стыр куыст у…
- Мах Ирыстонæй æрхуыдтам ирон æвзаджы ахуыргæнджыты æмæ 7–8 мæйы дæргъы нæ адæмы ахуыр кодтой ирон æвзагыл. Фæлæ пандеми бахъыгдардта ацы проекты æмæ рахызтыстæм онлайн-форматмæ. Цæгат Ирыстонæй махæн сорганизаци кодтой курсытæ дыууæ диалектыл – ирон æмæ дыгуронау. Ацы уроктæн чингуытæ рауагътой Ирыстоны, бацæттæ кодтам кабинеттæ, фæлæ дзы, хъыгагæн, бирæ ницы рауад.
- Турчы ирæттæ сæхи фылдæр кæуыл нымайынц - куыд европæйæгтæ æви куыд азиæгтæ? Æмæ цас æввахс райстат туркаг культурæ?
- Мах нæхи нымайæм, куыд Турчы адæм, афтæ. Фæлæ кæддæриддæр сæрыстыр уыдыстæм, ирæттæ кæй стæм, уымæй. 19-æм æнусы нæ фыдæлтæ Кавказæй куы ралыгъдысты, уæд кæмыты æрцардысты, уырдæм æввахс бынæтты цардысты курдтæ, хуымæтæджы хъæууон адæм. Махуæттæ дæр сæ бирæ ницæмæй хицæн кодтой. Курдтæ ам цардысты мин азæй фылдæр, фæлæ 20-30 азы фæстæ нæ алыварс цæрæг адæмтæ махæн банымадтой нæ бæрзонд культурæ æмæ æгъдау. Æз ма чысыл хъуыды кæнын мæ дадайы, фæлæ уый тыххæй бирæ хъуыстон мæ ныййарджытæй. Сыхаг курдтæм тынг тыхджын уыдис тугисыны традици – æнцонæй-иу ныццагътой се знæгты бинонты. Æмæ-иу ахæм тугкалæн конфликт куы фæзынд курдтæм, уæд-иу бахатыдысты мæ дадамæ, цæмæй хъуыддаджы йæхи фæхæццæ кодтаид æмæ йæ авторитеты руаджы æрурæдтаид лæгмæрдтæ. Йæ ныхасы ныхмæ сдзурын йæ бон никæмæн уыд. Тынг куы базæронд æмæ йæ бон цæуын куынæуал уыд, уæд-иу галтæй ифтыгъд уæрдон батылдтой йæ хæдзары размæ æмæ-иу æм бахатыдысты, цæмæй сбада уæрдоныл æмæ ацæуа сæ хъæумæ йæ уæзгæ ныхас зæгъынмæ. Тынг рынчын уыд æмæ-иу сын цæмæй сразы уыдаид, уый тыххæй-иу сæ зонгуытыл дæр æрлæууыдысты, уæлдайдæр та-иу æнæхъæн бинонтæн скуынæг кæнынæй тас куы уыд, уæд.
- Куыд хъуыды кæнæм, афтæмæй пандемийы рæстæджы æхсæнад «Алан» æххуыс кодта Ирыстонæн.
- Уæд æгас дунейы баконд æрцыд маскæхæссæн режим, маскæтæ та нæ фаг кодтой. Турчы ис хорз размæдзыд хъуымацуафæн сæудæджерад, ардыгæй æндæр æмæ æндæр бæстæтæм æрвыстой маскæтæ, фæлæ ацы фарст скъуыддзаг цыдис паддзахадон æмвæзадыл. Закъон бар нæ лæвæрдта æндæр бæстæтæм маскæтæ ласын æнæ сæрмагонд барлæвæрдæй. Аэропортты карзæй контроль кодтой. Æмæ уыцы рæстæджы Битарты Вячеслав бахатыд махмæ, цæмæй сын баххуыс кодтаиккам маскæтæ æмæ медиктæн сæрмагонд дарæсæй. Уый тыххæй рахицæн кодта æхцайы фæрæзтæ æмæ Туркмæ арвыста сæрмагонд адæймаджы. Туркаг абхазæгтæ дæр куыстой ацы фарстыл Абхазæн, фæлæ сын не сразы сты маскæтæ уырдыгæй раласыныл. Æз аныхас кодтон бизнесмен Хъаныхъуаты Шерифимæ æмæ æппæт хæрдзтæ уый райста йæхимæ, мæнæн та бахæс кодта сæ раласын, закъон нæ фехалгæйæ. Мах бахатыдыстæм æнæниздзинад хъахъхъæныны министры хæдивæгмæ, Турчы Парламенты сæрдары хæдивæгмæ, ныхас кодтам бирæ æндæртимæ æмæ нын стыр зынтæй бантыст бар райсын. Балхæдтам маскæтæ æмæ специалон дарæс, сæвæрдтам сæ стыр машинæйыл æмæ араст стæм Ирыстонмæ Сау денджызы былты Гуырдзыстоныл. Аэропортты гæнæн уыд маскæтимæ уæзтæ æнцонæй сконфискаци кæнын, истой сæ сæ паддзахадты пайдайæн, бар нæ райсгæйæ сæ куы ластой, уæд. Æз тарстæн, гуырдзиæгтæ нын куы байстаиккой нæ ласинæгты, куы базыдтаиккой ирæттæн сæ ласæм, уæд. Уавæр фехъусын кодтон мæ зонгæ – Анкарайы Уæрæсейы консулæн, стæй та РЦИ-Аланийы Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæварæн. Гуырдзыстоны арæныл мах баиу кодтой æндæр уæзласæн машинæты колоннæмæ æмæ дарддæр цыдыстæм, полици нæ фæндараст кодта, афтæмæй. Арæныл нæ размæ æрцыд трейлер Дзæуджыхъæуæй, нæ уæзтæ ууыл сæвæрдтам æмæ «Æфсымæрæй – æфсымæрæн» фыстимæ нæ фæндаг дарддæр кодтам. Кавказаг адæмты æндæр диаспорæтæ уыцы бонты фыстой: «Æгас дунейы арæнтæ æхгæд куы уыдысты, уæд туркаг ирæттæн сæ бон бацис сæ сæрты ахизын æмæ сæ æмтуг адæммæ бафтын». Фыстой ма афтæ дæр:«Ирæттæ сæ адæммæ арвыстой коронавирусæй хи бахъахъхъæнæн фæрæзтæ æмæ уымæй махæн дæр фенын кодтой, куыд хъæуы архайын». Уыцы ныхæстæ махæн уыдысты тынг зынаргъ, уымæн æмæ нæ бон бацис нæ хæс сæххæст кæнын. Уыцы рæстæджы ма Дзæуджыхъæумæ ахæм уæзтæ æрластой Мæскуыйæ дæр. Нæ куырдиатмæ гæсгæ нæ уæзты иу хай æрвыст æрцыд Ирыстоны хуссармæ.
Махæн æнгом бастдзинæдтæ ис Ирыстонимæ, куыд цæгатимæ, афтæ хуссаримæ дæр. Турчы ирон æхсæнад «Алан»-æн йæ архайд æрмæст нæ бæстæйы нæ фæуд кæны, нæ куысты мидис растдæр уый мидæг ис, цæмæй Райгуырæн бæстæйæ ма фæиппæрд уæм. Уый æнцон куыст нæу, ирæттæй ныр Турчы цал фæлтæр цæры, уый хынцгæйæ, фæлæ махæн æххуыс кæнынц Ирыстонимæ фидар бастдзинæдтæ, афтæмæй мах хæцæм, нæ уæгъд кæнæм нæ уидæгты.
Коцты Инга
Биазырты Роланды тæлмац
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
