Ирон адæмы æнæмæлгæ хъайтардзинад Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Плиты Грисы сфæлдыстады
Ирон адæмы рагфыдæлтæ дунейы хæстон историйы стыр фæд кæй ныууагътой, уый хъуыстгонд у æрмæст истори чи
ахуыр кæны уыцы ахуырадон уагдæты нæ, фæлæ хуымæтæджы истори чи уарзы, уыцы адæймæгтæн дæр. Фыццаг хатт сæ
хæстон ифтонгдзинады æмæ хъомысы кой æмбæлы
VIII-VII æнусты нæ эрæйы агъоммæ
сæрæй кимериæгтæ, сæ фæдыл скифты хæстон балцтæ Раззаг Азийы, уæды
рæстæджы раззагон паддзахадты дæрæн кæнынæн. Уый фæстæ нæ эрæйы фыццæгæм æнусы
дæргъы нæ номдзыд фыдæлтæ стыр хайад истой Ромаг æмæ Парфайнаг империйы хæстон
быцæуты. Афтæ ма алы хæстон хъуыддаджы дæр, кæцыйы хайад истой сыхаг Иберийы
паддзæхтæ. Алайнаг хæстон бардз цыдис гуырдзыйы фсады разæй æддаг бæстæты тугдзых
æфсæдты ныхмæ тохты. Уæдæ Фыццаг Дунеон хæсты ирон адæмы минæвæрттæ цы стыр хъайтардзинад равдыстой, уый историондокументты цæвиттонæн баззад.
Стыр удуæлдай тох фæкодтой ирон адæм дыккаг дунеон хæсты – Стыр Фыдыбæстæйон хæсты. Æгæрыстæмæй ма Советон Цæдисы Хъайтарты нымæцы бацахстой фыццаг бынат нымæцмæ гæсгæ.
Цæвиттонæн æрхæсдзыстæм Плиты Грисы сфæлдыстад, цыран æвдыст цæуы ирон адæмы удуæлдай, хъазуатон тох немыцаг фашистты ныхмæ, æнæмæлгæ хъайтардзинад Райгуырæн бæстæйы сæраппонд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты.
Плиты Грис йæхæдæг дæр хайад иста Стыр Фыдыбæстæйон хæсты. Хæсты фæстæ ма службæ кодта 1947 азмæ. Плиты Грис уыдис бирæ тохты хайадисæг. Хорзæхджын æрцыд æртæ хæстон орденæй æмæ дзæвгар майдантæй.
Тохмæ сидæг рæнхъытæ, ардбахæрд, уарзт æмæ æнæуынондзинад, тыхми æмæ сæрибардзинад, кад æмæ æгад, тæппуд æмæ хъайтар æвдыст æрцыдысты поэтæн йæ фыццаг хæстон æмдзæвгæ «Уæлахизы кадæг»-ы.
Зæххыл рæсугъд, цæрынæн фидар
Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн:
Фыдыбæстæ æмæ сæрибар,–
Циу цард æнæ сымах? – Ингæн.
Фæдисмæ æрсидты мотивтыл амад у йе мдзæвгæ «Цом фæцæуæм» дæр.
Уæ, мæ хæлар, рабад, райс дæ гæрзтæ! –
Нал ис бирæ сагъæстæн рæстæг, –
Сиды, хъус-ма, сиды нæм нæ бæстæ,
Сау фыдгул æрбабырста хæстæг.
Плиты Грисы лирикæйы патриотизмы темæйы æнæбанысангæнгæ нæй иу ахсджиаг момент. Поэт æмæ йæ лирикон хъайтар хæцæны цæугæйæ ард бахордтой сæхи раз дæр æмæ сæ адæмы раз дæр, кæй нæ фæхудинаг кæндзысты сæхи дæр æмæ ирон адæмы дæр.
Æгад нæ фæкæндзыстæм хæсты
Рæсугъд ирон дзыллæйы ном.
Поэты бæстæ æгас Советон Цæдис, фæлæ йæ райгуырæн зæхх та – Ирыстон. Поэт уарзы, аргъ кæны алы адæмæн дæр, фæлæ йын иууыл зынаргъдæр сты – йæ ирон адæм. Хъахъхъæны æмткæй йæ бæстæйы, фæлæ фыццаджыдæр хъуыды кæны йæ райгуырæн зæхх, йе мтуг ирон адæмы кадыл, ма сæ фегад кæныныл. Бæрндзинад хæссы фыццаджыдæр уыдон раз. Афтæ куы нæ уыдаид, уæд поэты патриотизм уыдаид мæнг бындурыл амад. «Акъоппы»
Уарзын саг, адджын æфсымæрты уарзтæй
Райсин йæ сæрыл мæлæт.
Фæлæ «ирон лæппу басгуыхт!» – куы рхæссы
(исчи нæ карз хæстæй цау
Зæрдæмæ хицæн цыдæр рухс ныккæсы
Уалдзыгон хуры тынау.
Плиты Грисæн йæ уацмысты арф æмæ ирдæй зыны йæ адæмы æнкъарæнты æмæ фыдæбæтты дуне, сæ удуæлдай тох знаджы ныхмæ, Райгуырæн бæстæ-йы сæраппонд.
Хæст… Йæ койæ дæр зæрдæ ныккæрзы. Хæстæн йæ хъуыддаг у туг калын, цæгъдын, лæгмарын, дæрæн кæнын, пырх кæнын.
Милуангай адæм сæ цард нывондæн æрхастой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты. Уыдон нымæцы Ирыстоны фырттæ дæр. Бирæ хæдзæрттæй тохы быдырмæ афæндараст кодтой æртæ, цыппар, фондз æмæ æвдгай хæстонты дæр. Уыдон æхсæн уыдысты Хъаллæгаты фондз æфсымæры, Дыгуры фондз æфсымæры, Кобегкаты авд æфсымæры, Гæздæнты авд æфсымæры æмæ бирæ æндæртæ. Плиты Грис ссардта хъæуæг поэтикон формæ Гæздæнты авд æфсымæры хъæбатырдзинад равдисынæн. Йæ балладæ «Авд цухъхъайы» ссис адæмон.
Авд хъæбулы сæ сæртæ нывондæн æрхастой сæ Райгуырæн бæстæйы сæр-
вæлтау. Авд хъæбулы фæмард сты нæ бæстæйы алы æмæ алы рæтты. Хистæр – Севастопъолы, дыккаг – Мæскуыйы бын мæ тохты, æртыккагы фæмарды бынат-æбæрæг, цыппæрæм фæмард Кавказы сæрыл тохты, фаззæттæ басыгъдысты танчы, кæстæр – Берлины онг ныххæццæ æмæ уым йæ цард нывондæн æрхаста…
Мах хæларæй радтам бæстæн
Авд æфсымæрæй нæ цард.
Авд цухъхъайы… цæстыты раз сæвзæрынц æвирхъау хæсты нывтæ: тугкалд, пырх, дæрæн, сабиты кæуын, мадæлты дзыназын, цæф æфсæддонты хъæрзын. Хæсты хуызæн адæймагæн æнамонддзинад ницы хæссы. Хæсты риссаг æмæ дудагæн абарæн ницæимæ ис.
Авд цухъхъайы… сæ койæ, сæ уындæй зæрдæ ныккæрзы, ныдздзыназы. Цæстытыл ауайынц æвирхъау царды нывтæ. Авд æвзонг чызджы судзгæ цæссыгтæ, куыдвæллад цæстытæ. Æнамонд, саударæг мад, авд хъæбулæй, авд фыртæй æнæхай чи баззад, ахæм мæгуыр æмæ тæригъæддаг мад.
Авд цухъхъайы… Авд æвзонг, рæсугъд, цардбæллон хъæбулы, кæдон сæ ныййарæг мад, сæ райгуырæн хъæу афæндараст кодтой хæсты быдырмæ, хъазуат тох кæм цыдис, ахæм хæсты быдырмæ, тугдзых знæгтæй сæ Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ. Авд фыртæй иу дæр фæстæмæ нал æрыздæхт Ирыстонмæ, йæ фыды уæзæгмæ. Авд æфсымæры хъæбатырæй фæмард сты. Сæ бæсты, сæ номыл, сæфыды уæзæгмæ, сæ ныййарæг мадмæ æрыздæхт авд сау гæххæтты, фыдохы хабар, мæлæт хæссæг авд сау гæххæтты. Тугкалæн хæсты фæстиуæгæн Ирыстоны зæххыл авд хъæбулы, авд æфсымæры номыл, сæ райгуырæн хъæуы авд ног артдзæсты бæсты сырæзтавд афтид ингæн хъæуы уæлмæрды…
Балладæйы ахсджиаг бынат ис мады фæлгондзæн. Раг замантæй фæстæмæ ныййарæг мады тыххæй бирæ загъд æмæ фыст æрцыд. Мады æгæрон уарзт йæ хъæбултæм равдисын бантыст Грисæн дæр. Уый сарæзта диссаджы удвидар уарзæгой мады фæлгондз.
Хæст хæссы тугкалд, пырх æмæ дæрæн. Хæст у адæймагæн иумиаг æнамонддзинад, бæллæх. Хæст хæссы мæ-лæт, бæстыл æфтауы зынг.Адæймаг йæ арм, йæ тых æмæ йæ зондæй цы сфæлдыста, уыдон фестын кæны сау æвзалы, æртхутæг. Адæймагæн, цардæн хæстæй фыдбылыздæр ницы ис.
Ирон адæм Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æппæт Советон адæмимæ сæ туг уый тыххæй калдтой, уыйас хъизæмæрттæ æвзарыныл разы дæр уымæн уыдысты, æмæ сæ мæлæт дæр, сæ хæстон сгуыхт дæрцарды сæрыл хаст кæй сты. Цæмæй сæ фæстæ сæ хъæбултæ, сæ кæстæртæ хæст макуыуал феной, сæрибарæй, æнæмастæй цæрой Ирыстоны зæххыл.
Ирон адæм фыдæлтæй фæстæмæ абоны онг æвдыстой æмæ æвдисынц хъайтардзинады цæвиттонтæ, Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау нæ ауæрдынц сæ хъару æмæ сæ цард.
Хацырты Людмилæ,
Уанеты З. номыл ХИЗИИ-ы зонадон кусæг
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.