"Уæззау мысинæгтæ"

27-06-2012, 18:00, Книги [просмотров 5042] [версия для печати]
  • Нравится
  • 1

"Уæззау мысинæгтæ"Чиныг конд у Ирыстоны зынгхуыст хъайтарты тыххæй чысыл уацтæй. Уыдон уыдысты иунæг фырттæ сæ ныййарджытæн.
 

Разныхас

Хуссар Ирыстон йæ историйы фæстаг дыууын азы дæргъы бирæ уæззау фæндæгтыл рацыд, бирæ дудгæбæттæ æмæ хъизæмæрттæ баййæфтой йæ адæм. Фыддуг уæлдай æнауæрдон та уыд æвзонг хъæбатыр лæппутæм, йæ царды сæйраг хæс, сæйраг нысанæн Райгуырæн бæстæ хъахъхъæныны бæрзонд æмæ кадджын хæс йæ разы чи æрæвæрдта. Зын æмæ гуыргъахъ фæндæгтыл рацыд Иры фæсивæд, знаг нын нæ фыдыуæзæджы туджы малы куы ‘вдылдта, мæлæтхæссæг нæмгуытæ ныл ихуарæгау куы кодтой, уæд, хиуыл æнæауæрдгæйæ, райгуырæн бæстæйы хъæбатыр фырттæ, Иры уæзæджы сахъгуырдтæ æз фæраздæронæй сæ риуты æмбæрц лæгæрстой размæ, фыдыуæзæджы сæрвæлтау, лæгсырдтæн ныхкъуырд раттынмæ. Бирæ фæсивæд бабын дыууын азы дæргъы чи нæ нымæг кодта, уыцы тугуарæн тохы, мингай ныййарджытæ баззадысты уый фæстиуæгæн саударджытæй, кæугæ æмæ дзыназгæ се сæфт уæзгуытыл. Нал сабыр кæны ныййарæджы зæрдæхалæн хъарæг, нал сур кæны зæрдæрыст мадæн йæ цæстысыг… Бирæ сты нæ ивгъуыды уæззау мысинæгтæ, бирæ сты ацы чысыл чиныджы авторы хисæрмагонд мысинæгтæ дæр нæ паддзахады ног историйы абоны онг дæр дудгæ хъæдгæмттæй чи судзы, уыдонæй иуæй-иуты тыххæй. РХИ сгуыхт журналист, прозаик æмæ публицист, милицийы майор Остъаты Алан Мидхъуыддæгты мини­страды пресс-службæйы кусын райдыдта 2004 азы, уый æмрæстæджы ма куыста Хуссар Ирыстоны Паддзахадон те­лерадиокомпани «ИР»-ы уацхæссæгæй, Ирыстоны хуссар хайыл радон трагикон цаутæ тугуарæн зæйау куы раивыл­дысты, уыцы фыддуджы. Уæззау æмæ рохгæнæн кæмæн нæй, ахæм нывтæй бирæтæн уыд комкоммæ æвдисæн, иу æмæ дыууæ хатты нæ бахауд йæхæдæг дæр фыдбылызхæссæг хабæртты гуылфæнты дæр. Йæ чиныгмæ цы зынгхуыст хъайтартæ бахаудтой, уыдонæй бирæтыл фæкуыдта ставд цæссыгæй, бирæты ныййарджыты тæригъæдæй скъуыдтæ кодта йæ зæрдæ... 

Иунæджытæ... Иунæг бындартæ… Иунæг хъæбултæ сæ ныййарджытæн… Остъаты Алан йæ чиныгмæ сæйраджыдæр ахæмты бахаста, уымæн æмæ иунæджы зиан, йæ æнæрæстæджы аивгъуыд ацы дунейæ уæлдай зындæр вæййы, хæдзарвæндаджы сæйрагдæр цæджындзы рафæлдæхтимæ аскъуыйы бинонты цард дарддæргæнæг таг дæр, æвæстаг сæ фæкæны. Иунæджы мæлæт дывæр трагеди у, дывæр зæрдæрыст. Ирыстоны сæрвæлтау бирæ фæсивæд фæцагъды ис, ацы лæппутæ сты уыцы зæрдæскъуынæн нымæцы æрмæст иучысыл хай. Автор бирæ æрмæг æртымбыл кодта, бирæтыл дзы ныффыста сæрмагонд уацтæ, æмæ, æвæццæгæн, уыцы гуырахстджын куыст дарддæр дæр хаст цæудзæн чиныгкæсджыты тæрхонмæ, фæлæ уал абон Мыхуыр, бастдзинад æмæ массон коммуникациты комите­ты æххуысæй рухсмæ фæзынд йæ мысинæгты чысыл хай. Арфæйаг куыст кæны Алан, егъау нысаниуæг кæмæн ис, ахæм. Ирыстоны сæрвæлтау йæ сæр нывондæн чи æрхаста, уыдон кой кæнын, уыдон мысын махæй алкæй комкоммæ хæс дæр у, сæ рухс нæмттæ сын фæлтæрæй-фæлтæрмæ судзгæ цырагъау дæттын, æмæ уыцы хъуыддаджы ахсджи­аг нысаниуæг ис ахæм чингуытæн. Бузныг авторæн йæ па­триотикон позици æмæ вазыгджын сфæлдыстадон архай­ды тыххæй. Фылдæр ын бантысæт нырæй фæстæмæ дæр, æрмæст Иры æнтыстытæ æмæ цинхæссæг цаутыл фысгæйæ. 

Зæгъойты Рада

 

 Полная версия книги - rgrrrs-rssrergrsg.pdf [2,43 Mb] (cкачиваний: 43)

 

 

 


  • ОсетинКа

    Каесыс.... аемае цыма зонгае уыдтае семае.... Мае дае цаессыг нае уромыс....  Рухсаг ут! Чыныг скаенаегаен та стыр бузныг!

Информация

Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.

Новости

«    Декабрь 2024    »
ПнВтСрЧтПтСбВс
 1
2345678
9101112131415
16171819202122
23242526272829
3031 

Популярно