Театралон аивады зæрингуырд – Цоциты Къæдзæх (к 100-летию известного актера театра)
Театр царды айдæн у. Кæмæн ис, уыдон сæхи мæгуыр макуы схонæт. Ир сæрыстыр сты сæ профессионалон театртæй. Хуссар Иры байгом 1931 азы, Цæгат Иры та 1935 азы.
Зæгъын хъæуы уый, æмæ профессионалон театрты фæзынды онг дæр Ирмæ театралон аивад мард нæ уыд. Нæ фыдæлты Дзуары бонтæ, куывдтæ, чындзæхсæвтæ, марды кæндтæ, тудджынты фынгтæ – се ‘ппæт дæр уыдысты театралон сценæтæ.
Нæ хæдархайгæ кружоктæ хъазуатæй куыстой Къобы, Сбайы, Ручъы, Дзауы, Цхинвалы, Ортъеуы, Ольгинскъæйы, Æрыдоны, Тбилисы, Бакойы. Уыдон сæ фæзындæй фæстæмæ фидар бындур æвæрдтой Ирон театралон аивадæн.
Махæн уæндонæй зæгъыны бар ис, Ирон театр кæй байгом 1906 азы. Æуырдыгæй нымайæм нæ театры истори. Уæды нымадæй нæ театрыл цæуы 120 азы. Абон ног нымадæй Цхинвалы драмтеатр у – 95-аздзыд, Дзæужыхъæуы театр та – 91-аздзыд.
Абон сæрыстырæй кæуыл дзурæм, уыцы Къæдзæх та нын у 100-аздзыд. Йæ царды бонтæ æдæппæтæй уыдысты 64 азы. Уыдонæй 45 азы схæлар кодта йæ уарзон театрæн.
