Ирон адæмы æнæмæлгæ хъайтардзинад Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Плиты Грисы сфæлдыстады

29-01-2025, 12:45, Культура [просмотров 514]
  • Нравится
  • 0

Ирон адæмы æнæмæлгæ хъайтардзинад Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Плиты Грисы сфæлдыстадыИрон адæмы рагфыдæлтæ дунейы хæстон историйы стыр фæд кæй ныууагътой, уый хъуыстгонд у æрмæст истори чи ахуыр кæны уыцы ахуырадон уагдæты нæ, фæлæ хуымæтæджы истори чи уарзы, уыцы адæймæгтæн дæр. Фыццаг хатт сæ хæстон ифтонгдзинады æмæ хъомысы кой æмбæлы VIII-VII æнусты нæ эрæйы агъоммæ сæрæй кимериæгтæ, сæ фæдыл скифты хæстон балцтæ Раззаг Азийы, уæды рæстæджы раззагон паддзахадты дæрæн кæнынæн. Уый фæстæ нæ эрæйы фыццæгæм æнусы дæргъы нæ номдзыд фыдæлтæ стыр хайад истой Ромаг æмæ Парфайнаг империйы хæстон быцæуты. Афтæ ма алы хæстон хъуыддаджы дæр, кæцыйы хайад истой сыхаг Иберийы паддзæхтæ. Алайнаг хæстон бардз цыдис гуырдзыйы фсады разæй æддаг бæстæты тугдзых æфсæдты ныхмæ тохты. Уæдæ Фыццаг Дунеон хæсты ирон адæмы минæвæрттæ цы стыр хъайтардзинад равдыстой, уый историон документты цæвиттонæн баззад.

Новости

«    Январь 2025    »
ПнВтСрЧтПтСбВс
 12345
6789101112
13141516171819
20212223242526
2728293031 

Популярно